* * *
Кæсы мæм хатгай цард æлгъаг æмæ æвиллон,
Фæкалы ме стих уæд нæргæ мастæй цъæх пиллон,
Мæхимæ уæд зынын
Бæлас, цыма йæ уад ысрæдувы бындзарæй;
Фыцы мæ риуы дур, æдзæм рыст æмæ сарæй
Уæззау хъыгты хъæрзын.
Рæстдзинад нæй! æфсарм кæны бынсæфт тыхмитæй,
Чызгон дарæс, пæлæз — ыскæнæд сæ фæлитой,
Рæмпæг у уый уæддæр.
æвдæрзы нæ тыхбар, хæрамæй аргъуан дары
Фыдгæнджытыл йæ арм, хæрзгæнæг тæрхон тары
æмбæхсы арф йæ сæр.
Коронæтæ — дзæвгар, куырм нæ кæнынц æрттывдæй,
Цъæхсæртæ сты хæтæн, сæ хъаст æмæ сæ куывдтæй
Нæ сæрмæ арв ныссау.
Ысхауæггаг нæ уд, нæ зонд хъыгтæй ныррахæн,
æппæт динтæ — мæнгард, кæнынц фæлывдæй махæн
Дæлимонтæй хуыцау.
Фыцы мæ риуы маст. Кæм ыссарон ныхæстæ,
Хъуырантыл, библитыл æд марг æмæ æд хъæстæ
Цæмæй бандзарон арт?!
Мæ зард, тымыгъау сыст, цырын æмæ æвзыгъдæй
Софистты, залымты дæрæн æмæ бынсыгъдæй
Ныссæрф нæ зæххæй дард!
Мæ риуы судзы арт, мæ уд мын маст æхсыны,
æрбады арвыл мигъ, йæ тарæй дур нæ зыны,
Мæ зæрдæ дзы ныддур.
Сымæр у цард. Мæлæт ызгæ цæвæгæй хъазы...
Уынын сырх розæ уæд, кæсын, æмæ йæ разы
Ныккаст мæ риумæ хур.
Джыккайты Шамилы тæлмац
// Мах дуг.– 2003.– № 9.